Премьер-министры къухдариуæгæй  хицауады рабадт ацыд
Премьер-министры къухдариуæгæй хицауады рабадт ацыд

Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвилийы  къухдариуæгæй,  хицауады  рабадт  ацыд.  Хицауады администрацийы  пресс-куысты  инфорамцийæ,  министрты  кабинеты   уæнгтæ боны фæткæй  бæрæг  22  фарста æркастысты.

Афтæма сæ информацийæ, Гуырдзыстоны  хицауад  сбæлвырд  кодта   экономикæйы  министрады  бакуыст   2023-2030 азты транспорты æмæ логистикæйы   националон   стартеги æмæ йæ   2023-2024  азты  архайадон план.

«Стратегийы  ис  дæргвæтин цæстæнгас, нысæнттæ æмæ  рардтæ Гуырдзытсоны,  куыд регионон транспортон  æмæ  логистикон  хаббæй  скæнын баахъаз кæнынæн.  Документы  сæрмагонд хъусдард здæхт у  логитсикон   секторы  стынг кæнынмæ æмæ  логистикон   лæккады  гъæд фæхуыздæрмæ, афтæма  автомобилон, æфсæнвæндагон, денджызон  транспорты, æмбæстагон  авиацийы сферæты эффективон   куыст срæвдз кæнынмæ æмæ   æхсæнадæмон   транспортон   маршрутты  конкурентхъомад сбæрзонддæрмæ.  Иурæстæгонæй, стратегийæн йæ нысан у, фæллойады базары  домæнтæ,  хъæуындзинæдтæм æмбæлон   адæймагон   капиталы  райрæзт транспорты æмæ  логистикæйы секторы.

Уæзты транспортацийæн  къухацаразынимæ иумæ, приоритетон фарста у  бæлццонон  змæлды  райрæзын кæнын. Документы кæсыны рæстæджы  хаххгондæй  банысан ис, цæмæй транспортон   хызагы  фæхуыздæр, транспортон  лæккады æмæ æдадсзинады æмвæзады  сбæрзонддæр кæнын, иттæг нысаниуæгджын у   мобилондзинады домæнтæ сæххæст кæныны æмæ   Гуырдзыстоны туристон  потенциал  стынг кæнынæн.

Стратегийы   экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрад   Дунейон Банкы  æххуысæй,   æмбæлгæ   паддзахадон уагдæттыимæ æмкуыстгæнгæйæ   æрцæттæ  кодта.   Уыимæ  уагъд уыдис  æхсæнадон   консультациты  цалдæр   раунд, кæцыты  бындурыл  ист рекомендациты стыр хай  рагхыгъдгонд уыдис  документы  фæстагон версийы.

Фарста  кæсыны рæстæджы банысан ис, цæмæй глобализаци æмæ  Евроцæдисимæ   рæзгæ   экономикон   цæдистæ  Гуырдзыстоны  æхсæнадæмон  базарадмæ æххæст интеграцийы  уникалон  фадат дæтты. Уый адыл, ацы  процессы   транспорты æмæ  логистикæйы  сектор иуæй-иу  скуыдзаггæнæг роль  хъуамæ сыххæст кæна.  Афтæма банысан ис, цæмæй ацы æрдгæй   сæрмгаонд нысаниуæгджнын  у  Евроцæдисы транспортон  системæмæ Гуырдзыстоны интеграци,  кæцы йæ  хъуыдыйы  дары   Европаг   стандарттæ  æрфидар кæнын æмæ транспортон  цæдистæ  фæхуыздæр кæнын», – банысангонд у  хицауады администрацийы пресс-куысты  информацийы.