Гуырдызстоны хицауад 2024-2027 азты коммуникацион стратеги сфидар кодта, кæцы дезинформацийы ныхмæ тохы æрдæм тыхархайд  стынг кæнын дары йæ  хъуыдыйы
Гуырдызстоны хицауад 2024-2027 азты коммуникацион стратеги сфидар кодта, кæцы дезинформацийы ныхмæ тохы æрдæм тыхархайд стынг кæнын дары йæ хъуыдыйы

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы   къухдариуæгæй, хицауады рабадт ацыд. Министрты  кабинеты  уæнгтæ  боны фæткæй  бæрæг  13  фарста æркастысты.

Гуырдзыстоны  хицауады информацийæ, рабадтыл сбæлвырд ис  барамынды  проект – Гуырдзыстоны  хицауады коммуникацион  стратеги 2024-2027 азтæм.

Афæтма  сæ хъусинагæй, Гуырдзыстоны хицауады  бакуыст документы  нысан у хицауады æмæ  дзыллæй æхсæн  проактивон,  фæдфæдон æмæ координацигонд  коммуникацион  системæты иумæйаг цæстæнгасы бакусын, кæцы иу  æрдгæй,  йæ къух сараздзæн  бæстæйы цæрджыты информирдзнинады райрæзтæн, æмæ иннæ æрдгæй та,  арызт уыдзæн   Гуырдзыстоны  хицауады   дæргъвæтин  коммуникацион ныснттыл.

«Коммуникацийы стратеги бындурæвæрд у хицауады  2023 азы  бæлвырдгонд националон политикæйы документыл – «Цæстæнгас 2030 – Гуырдзыстоны райæзты стратеги» æмæ æххæстæй æмбæлон у  бæстæйы  райрæзты дæргъвæтин   цæстæнгасимæ, стратегион приоритеттимæ, нымæнттмæ æмæ рардтимæ.

Стратегийы  иуæй-иу  приоритетон æрдæмад у дезинформацийы æмæ мæнг  ог хабæртты ныхмæ тох,  дезинформацийы ныхмæ тохы  æрдгæй  тыхархайд  стынг кæнын æмæ ацы  æрдгæй  палдзахадон уагдæтты  стратегион  коммуникациты  хайадты фадæттæ  тсынг кæнын.

Документ бакусыны процессы хайад райстой куыд Гуыдзыстоны  хицауадон уагдæтты  стратегион  коммуникациты хайадты минæвæрттæ, афтæ  æхсæндæмон  æмæ бынæттон  эксперттæ, националон æдасдзинады советы, НАТО-йы  æмæ Евроцæдисы информацион центры стратегион  коммуникациты  минæвæрттæ.

Стратегийы нысæнттæн АИШ-ы паддзахадон департаменты финансгонд программæйы(«стратегион коммуникацитæ  хуыздæр  фидæны тыхæ») фæлгæтты  ацыд Гуырдзыстоны  ххицауадон  уагдæтты  стратегион коммуникациты  системон иртасæн, цæй фæстиуæгæн рабæрæг ис, иу æрдгæй ацы  æрдæмадæй уæвæг  расидтытæ, æрмæст  иннæ рдгæй та  стратегион коммуникациты райрæзты фадæттæ» – дзырдæуы Гуырдзыстоны  хицауады ахæлиугонд  информацийы.