Уæлхох цæрæн бынаты статус лæвæрд æрцыд ноджы 14 хъæумæ
Уæлхох цæрæн  бынаты статус  лæвæрд æрцыд ноджы 14  хъæумæ

Уæлхох цæрæн  бынаты статус  лæвæрд æрцыд ноджы 14  хъæумæ –  уæлхлох   регионты фæдыл  закъонæй бæрæг  уæлбартæй пайда кæндзысты  Чъиатурайы,  Сачхерейы, Харагаулы, Борджомы, Марнеулы, Карелы, Багъдат æмæ  Тъхъибулы  муниципалитетты  хъæуты  цæрджытæ.

Ацы хъæутæ сты:  Сачхерейы муниципалитеты  хъæу  Личи; Чъиатурайы муниципалитеты хъæутæ: Мелушеет,Манданет æмæ  Цъхъалшави; Харагаулы  муцниципалитеты  хъæутæ: Мзваре,Чрдили æмæ Гедсаманиа: Борджомы  муниципалитеты  хъæутæ: Тадзрис æмæ Сакъире; Марнеулы муниципалитеты  хъæу Брдазор;  Карелы муниципалитеты  хъæу Гъогъет; Багъдаты  муниципалитеты хъæу  Хани; Тъхъибулы муниципалитеты  хъæу, Мухура.

Премьер-министр Гиорги Квирикашвили хицауады  абоны рабадтыл куыд банысан кодта афтæмæй,  уæлхох регионты цæрджытæн  цæрæнуавæрты фенцондæр кæнын, хицауады иуæй-иу  ахсджиаг  приоритет у.

Гиорги Квирикашвилийы  дзырдæй,   растдæр   уый тыххæй æрцыд ис  Уæлхох  регионты фæдыл  закъон.

«Уæлхохцæрæн бынаты ранымадмæ  хаст æрцыд  ноджы  14  хъæу. Уымæй та бæрæг у, цæмæй  ацы хъæуты  бирæсывæллонджын мæдтæ  бирæ сты, афтæдæр дохтыртæ, пенсионертæ,  кондадтæ,  кæцытæ  уым кусынц,   райсдзысты уæлæмхас  уæлбар.  Нысаниуæгджын у, цæмæй  дæсгай мин   бинонтæ  нырид спайда кодтой  ацы  уæлбартæй,  кæцы тынг ахсджиаг у,   æнæ æрмæст  бынатыл цæрджыты æрфидар кæныны, фæлæ ма  уæлхох хъæутæм  адæмы æрыздахынæн дæр. Уый у æнæ æрмæст  социалон-экономикон, фæлæ ма  æдасдзинады рард дæр.  Ацы программæ  æнтыстджынæй  цæуы. Закъонæй  бæрæг  уæлбартæй уæлдай,  10 милуан   лари рахицæн  ис уæлхох регионты традицион  культурæйы  æмæ  экономикон   ардæмадты  рапарахатæн æмæ   алцыппæт ай, æмткæй райсгæйæ,   мæнмæ гæсгæ  нæ  цæрджытæн  иттæг  нысаниуæгджын уыдзæн» – райхъусын кодта Гиорги Квирикашвили.