Тыхбын бынативгæ бинонтæн хъæуты хæдзæрттæ балхæды  фарстайыл  комисси куыстмæ рывнæлдта
Тыхбын бынативгæ бинонтæн хъæуты хæдзæрттæ балхæды фарстайыл комисси куыстмæ рывнæлдта

Лигъдæтты фарстæты бацахуыргæнæг комисси  тыхыбын бынативгæ  бинонтæн  «хъæуты хæдзар» балхæды фарстайыл кусын райдыдта.

Лигъдæтты  агентады хъусинагæй, зæгъгæ ацы   этапыл  комисси 500-ы онг лигъдон бинонты куырдиат, дæргъвæтин æрцæрын кæныны домæнтæм æмбæлгæйæ кæсы.

Комиссийы куысты  фæуды фæстæ,  лигъдон бинонты номхыгъд  агентады веб-фарсыл   уыдзæн публикацигонд. Балхæнинаг  хæдзар бавдисынæн  тыхыбын бынативгæ  бинонтæм лæвæрд цæуы  æхсæзмæййон  æмгъуыд.

«Хъæуты хæдзар»-ы проекты хайад райсыны  æркуырдæй лигъдон бинонтæн куырдиæттæ баххæст кæнын кæцыфæнды рæстæдж  у сæ бон. Комиссийы  рабадтытæ  цæуынц æрвылмæййонæй.

2022-2024 азты, агентад,  хъæуты хæдзæрттæ,  тыхбынбынативгæ   5000 бинонтæн балхæндзæн.