Тыхбын бынативгæ  1300-ы онг бинонтæн лигъдæтты  агентад хъæуты  хæдзар балхæндзæн
Тыхбын бынативгæ 1300-ы онг бинонтæн лигъдæтты агентад хъæуты хæдзар балхæндзæн

Лигъдæтты   фарстатæ  бацахуыргæнæг   комиссийы  уынаффæйæ, тыхбын  бынативгæ  1 300-йы онг бинонтæн, агентад, хъæуты   хæдзæрттæ балхæндзæн.

Лигъдæтты  агентады  иформацийæ,   фæнысангонд бинонты номхыгъд,  лигъдæтты,  экомигрантты æмæ цæрынæн хъæугæ  ифтонгады  агентады  веб-фарсыл  уыд  публикацигонд.   Лигъдæтты  бинонтæ  хæдзæрттæ  Гуырдзыстоны кæцыфæнды регионы, æхсæз мæйы  æмгъуыдмæ   сæхæдæг сывзардзысты.

ъОккупацигонд  Гуырдзыстоны  территоритæй  лигъдæтты,  фæллойады, æнæниздзинады æмæ  социалон хъахъхæды  фæдыл  министры   хæдивæг, Илиа Гъудушаурийы  фидиуæнæй,   проект, æппæт бæстæйы  масштабæй, æнтыстджынæй  цæуы æххæст æмæ 2022  азы,  хъæуты  хæдзар 2 500-ы онг  бинонтæм уыд лæвæрд.  Æртæазон периоды, «Хъæуты хæдзары»  проекты  фæлгæтты, æмтгæй  райсгæйæ,  6000  лигъдон бинонты  æрцæрын кæндзысты.

Лигъдæтты агентады  куыд райхъусын кодтой  афтæмæй,   æлхæд  хæдзæртты фылдæрæн ис  зæххы  фадгуытæ, кæцы  лигъдон бинонтæн  дæтты фадат,  хъæуты æрцæрой æмæ  сын уа   æфтиагы  уæлæмхас  гуырæн.