Эмиграцийæ æрыздæхгæ Гуырдзыстоны 88 æмбæстагмæ  лæвæрд уыдзæн грант
Эмиграцийæ æрыздæхгæ Гуырдзыстоны 88 æмбæстагмæ лæвæрд уыдзæн грант

Лигъдæтты агентады информацийæ,,   эмиграцийæ  æрыздæхгæ Гуырдзыстоны 88 æмбæстагмæ, æфтиагы  рвзæрæн фæзынын кæныны,  куыстбынат ссарын æмæ  хæдфæллойад баахъаз кæнынæн  лæвæрд уыдзæн грант.

Æрыздæхгæ мигрантты  реинтеграион  æххуысы  падздахадон  парограммæ,  лигъдæтты, экомигрантты æмæ  цæрынæн хъæугæ  æфтиæгтæй ифтонгады   агентад  æххæст кæны æмæ  йæ нысан у  реинтеграцийы процесс баахъаз кæнын.  Программæйы  хайадисджытæ  куыст райдайыны кæнæ  ауæрæхдæр кæнынæн  хъæугæ  техникæ æмæ инвентар сæхæдг сывзардзысты.

Нысаниуæгджын у, ома фыдыстæмæ  æрыздæхыны фæстæ  сæм фæзына æфтиагы гуырæн  æмæ мауал сæ бахъæуа  бæстæ ныууадзын. Æфтиагон  проектты финанскæнын кæй  фæнды  уыдоны  куырдиæтты райст, агентад афæдзы мидæг дыууæ хатт райхъусын кæны.  Реинтеграцион  æххуысы падзахадон программæ профессион  ахуыр баахъаз кæнын, медицинон æххуысæй  æмæ  рæстæгмæ цæрæн фæхуаттæй  сифтонг кæнын дæр дары  йæ  хъуыдыйы.

Æрыздæхгæ мигрантты номхыгъд, кæцытæм лæвæрд уыдзæн грант,  публикацигонд у агентады веб-фарсыл.