65 тыхбын бынативгæ бинонтæн ногарызт цæрæн хæдзæрттæ лæвар сæрмæмсулкмæ  ратдзысты
65 тыхбын бынативгæ бинонтæн ногарызт цæрæн хæдзæрттæ лæвар сæрмæмсулкмæ ратдзысты

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы къухдариуæгæй,  хицауады  администрацийы  ацыд  хицауады рабадт. Премьер-министры пресс-куысты  информацийæ, министрты  кабинет  бонвæткæй бæрæг 11 фарста æркастис.

Хицауад абоны рабадтыл  сбæлвырд кодта  барамынд, кæцымæ гæсгæ  дæр  65  тыхбын бынативгæ бинонтæн ногарызт цæрæнуаттæ сæрмæмулкмæ  æнæфидгæ лæвæрд  æрцæудзæн.  Ацы  цæрæнуаттæ Кутаисы, Зугдиды æмæ Тбилисы ис.

Премьер-министр   куыд банысан кодта афтæмæй,   лигъдон цæрджытæн æххуыс, сæ цæрæнуавæртæ фæхуыздæр кæнын, Гуырдзыстоны  хицауадæн  иуæй-иу  сæйраг приоритет у.  2012  азæй  æнæхъæн бæстæйы масштабæй,  мингай тыхбын бынативгæ бинонтæ,  паддзахадæй  лæвар, сæрмæмулкмæ райстой  фæзуаттæ  æмæ ацы процесс активонæй адарддæр уыдзæн.