Туркаг медийы информацийæ, туркаг хæдтæхæг Уханæй Гуырдзыстоны авд æмбæстагы æрласдзæн
Турчы хæдтæхæг Китайы горæт Уханæй, Турчы 34, Гуырдзыстоны авд, афтæдæр Азербайджаны авд æмæ Албанийы иу æмбæстагы, Туркмæ нылласдзæн – уый фæдыл Ттуркаг медиа фыссы.
Турчы хицауады сæрмагонд æфсæддон-транспортон хæдтæхæг, ныридæгæн уæвы Уханы аэропорты æмæ ратæхынмæ цæттæ кæны.
Туркаг рауагъдад, «Хуриеты» информацийæ, бæлццæттæн байуардзысты специалон дарæс æмæ уыдон Турчы территорийыл 14 боны дæргъы уыдзысты карантины.