Туризмы националон администраци – Хицæн секторимæ æнгом æмгуыстадæй нырид баххуыс кодтам Гуырдзыстоны уæвæг 200-ы онг украинаг  туристæн
Туризмы националон администраци – Хицæн секторимæ æнгом æмгуыстадæй нырид баххуыс кодтам Гуырдзыстоны уæвæг 200-ы онг украинаг туристæн

Туризмы  националон администраци   Гуырдзыстоны  премьер-министры  барамындæй,   хицæн секторимæ æнгом æмгуыстадæй,   баххуыс  кодта  200—ы онг украинаг  æмбæстагæн – информаци уый фæдыл  хъусын  кæны туризмы  националон  администраци.

Уагдоны  хъусинагæй,  украинаг  туристты, кæцытæн  ацы  этапыл  фыдыбæстæмæ æрыздæхыны фадат нæй,   фысымуатты  бынтон æнæфидгæйæ æрцæрын  кæндзысты.

«Хæсты тыххæй   нæ бон нал у фыдыбæстæмæ  рыздæхын.  Харковæй стæм. Нæ хæстæджытæ метройы  æмбæхсынц сæхи. Гуырдзыстоны  уыдыстæм улæфтмæ æмæ фæстæмæ аздæхын  фадат нын нæй.  Бузныг Гуырдзыстонæн. Фыццаг минутæй  нæ æрфарстой, баинтерес сты,  хъуыдис нæисты  æххуыс.  Стыр бузныг  Гуырдзыстонæн,  фарсхæцын æнкъарæм  алкуыран» –   хъусын кæны   украинаг   турист  Владимер   Кислый.

Туризмы  национ администрацийы информацийæ, украинаг туристтæ   банысан кодтой, цæмæй   Гуырдзыстоны   хицауадæй  сæм  фыццаг минутты  фæдзырдтой æмæ æххуыс  баныфсвæрдтой.

Уыимæ туризмы националон  администрацийы  хъусинагæй,   хицæн  сектор  зæгъæн ис   æппæт  бæстæйы  масштабæй,   равдыста  фæндон   бынтон æнæфидгæйæ  сæ  æрцæрын кæна  фысымуатты  украинаг туристты.

«Гудаурийы  уыдыстæм улæфтмæ.  Фехъуыстам  цæмæй  нæ бæстæйы  райдыдта хæст.  Гуырдзыстоны хицауад  нын тынг баххуыс кодта. Æххуыс нын кæнынц цæрæнуаттæй,  хæлцадæй.   Бузныг  æнæхъæн гуырдзыстонæн,  алкæцы æмбæстагæн, ахæм æххуысы тыххæй» – райхъусын кодта  украинаг  турист  Александр Евченко.

Украинаг  туристтæн баххуыс  кæнынæн, туризмы националон администрацийы  фыццаг минуттæй   кусы  æнæфидгæ  тæвд хахх  0 800 800 909.