Туризмы  администраци бæрзондрейтингджын æхсæнадæмон  рауагъдадты журнаслиттæн фысым кæны
Туризмы администраци бæрзондрейтингджын æхсæнадæмон рауагъдадты журнаслиттæн фысым кæны

Гуырдзыстоны культурон туризмы потенциал базонынæн  æхсæнадæмон  медийы  минæвæртты  пресс-тур ацыд.  Туризмы националон администрацийы  организацигондæй,   журналисттæ   Францæй, Туркæй, Индийæ, Кореяйæ æмæ Египетæй  фæуазæг сты Гуырдзыстонмæ.

Туризмы администрацийы  пресс-куысты   информацийæ,  æхсæнадæмон   медиайы  минæвæрттæ, Гуырдзыстоны  «Местиайы  цыбырметражон фильмты æхсæнадæмон фестивалыл»  уыдзысты, кæци 17-21 августы  ацæудзæн.  Журналистты  æрцæттæгонд æрмæджытæ  та  æндæр æмæ æндæр   æхсæнадæмон медиаплатформæтыл уыдзысты  публикацигонд.

Сванетмæ  балцы размæ, фæсарæйнаг  журналисттæ  Зæронд Тбилис  федтой,  æрзонгæ сты  сæйраг горæты  историон  архитектурæимæ,  басгæрстой  гуырдзиаг хæринæгтæ.

Тбилисы фæстæ  пресс-туры  хайадисджытæ  Имеретмæ  абалц кæндзысты, цы ран  æндæр æмæ æндæр  туристон  бынат  фендзысты.

«Туры фæуды фæстæ, æхсæнадæмон  медиайы  минæвæрттæ  бæрзондрейтингджын  рауагъдадтæн  Гуырдзыстоны  туристон потенциалы æмæ Местиайы  фильмты  фесмтивалы  фæдыл статитæ  æрцæттæ кæндзысты, кæцытæн дæсгай милуан  кæсæг уыдзæн Францы, турчы, Индийы, Корея æмæ  Египеты», – банысангонд у туризмы националон администрацийы  информацийы.