Турчы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 79-ы онг схызт
Турчы, Измыры провинцийы, зæххæнкъуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымц 79-ы онг схызт. Уый фæдыл информаци туркаг медиа бæстæйы катастрофæты фæткдæттæг агентадыл æнцойæ хъусын кæны.
Турчы хицауады дзурынц, цæмæй зæххæнкъуысты фæстæ уыд 1 120 фидар рæхуыст, уыдонæй 43 та уыдысты 4 магнитудайæ тыхджындæр. Стихийы фæстиуæгæн фæцæф ис 962 адæймаг, кæцытæй 743 рæнчындæттæй рафыстой, 219 та ацы рæстæгмæ хос кæнынц.
Туркаг медиа хъусын кæны, цæмæй зæххæнкъуыстæй 58 сахаты фæстæ, ирвæзынгæнджытæ кæлддзæгты бынæй систой 3 аздзыд æмæ 14 аздзыд чызджыты. Æмтгæй райсгæйæ туркаг ирвæзынгæнджытæ кæлдздæгты бынæй систой 105 адæймагы.