Турчы провинци Ваны ноджы иу  зæй  рацыд,  кæцыйы фæстиуæгæн ис  амæттаг
Турчы провинци Ваны ноджы иу зæй рацыд, кæцыйы фæстиуæгæн ис амæттаг

Турчы провинци Ваны   ноджы иу   зæй  рацыд,  кæцыйы фæстиуæгæн ис  амæттаг.

Ахæлиугонд  информацийæ,   иууыл  цъус  23  адæймаг  æрбамард. Уыдонæй аст  барадхъахъхъæнджытæ сты, æртæйæ  æдасдзинады  куысты  минæвæрттæ,  æртæ  ирвæзынгæнджытæ æмæ   фараст  хуымæтæг  æмбæстæгтæ.

Абон зæй  рацыд   Бахчесарайы  районы  – Бахчесарай-Ваны  иугæнæг   магистралыл.  Зæй йæ бын фæкодта  микроавтобус æмæ  митхафæг  машинæ.  Уый фæстиуæгæн  фæхъуыд фондз адæймаг.

Ирвæзынгæнæн  операцимæ  баиу ис  400-ы онг  адæймаг. Фæлхатгæ рацæугæ  зæй   та  уыдонæй  дæр 50  адæймагы  йæ быны фæкодта.  Ацы  афонмæ  миты  бынæй  систой  30-ы онг  адæймагы.