Турчы премьер-министр – Кæд Сомихыстон йæ позици фæивдзæн, уæд мах детæлттæ æркæсдзыстæм æмæ æмбæлон дзуапп скæндзыстæм

«Кæд Сомихыстон  фæууадздзæн  азты дæргъы  уæвæг  зныгон ахаст Турчы æрдæм,  бауромдзæн æртъхъирæнтæ  кæнын  нæ  территорион æнæхъæндзинад  æмæ арæнтæм,  кæд æй  фæнды   ног  сыфæй  райдайын,  уæд мах  ацы  фæндон æркæсдзыстæм æмæ   дзуаппон къахдзæфтæ  саразыдзæн»  уый фæдыл  Турчы  премьер-министр Бинали Йылдырым  райхъусын кодта.

Турчы хицауады сæргълæууæг афтææдр банысан кодта, цæмæй  Анкъарайы зæгхгæ фæнды  йæ хæлæртты  нымæц  фæфылдæр кæнын  æмæ   знæгты  та – фæкъаддæр кæнын.

Турчы æмæ Сомихыстоны  æхсæн  ахастытæ  фæкарз сты  1915 азы  Османы империйы  æрцæугæ  трагикон  фæзындты тыххæй.  Сомихыстон  Турчы  фæазымджын кодта  этникон нысанæй  геноциды.  Турчы  та геноциды сæ кæй зылынджын кæнынц  ууыл нæ сæттынц æмæ  хъусын кæнынц, цæмæй  трагикон фæзындтæ  йеуæд  стыр зиан  æрхастой дыууæфарсæн.