Турчы, курорт Кемеры цур  сыгъды ликвидацион  куыстыты  600-йæ фылдæр адæймаг, 10 хæдтæхæг æмæ 22 хæрдмæтæхæг сты  баст
Турчы, курорт Кемеры цур сыгъды ликвидацион куыстыты 600-йæ фылдæр адæймаг, 10 хæдтæхæг æмæ 22 хæрдмæтæхæг сты баст

Турчы, курорт Кемеры  цур  хъæды  сыгъдтыты ликвидаци  нырма не нтысы, – уый фæдыл  хъусын кæны «Анадолу».

Медиайы   информацийæ,   регионы  вазыгджын рельефы тыххæй,  зын кæны   сурзæххон фæндагæй бацæуын, цæй тыххæй  дæр  зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнджытæ архайынц хæрдмæтæхджытæй.

Анталиайы   губернаторы арызт фидиуæны дзырдæуы,  цæмæй Кемеры  хъæды  сыгъды  ликвидацион куыстытæ  æнæкуылымпыйæ дарддæр кæнынц, фæлæ  зынгсирвæзты   ликвидаци   ацы  афонмæ не нтысы.

Фидиуæны дзырдæуы, цæмæй  дæс хæтдæтæг , 22  хæрдмæтæхæг æмæ 600-йæ фылдæр  адæймаг, æндæр æмæ æндæр организацитимæ иумæ  дарддæр кæнынц  зынгхуыссын кæнын  техникæ æмæ  специалон   ифтонггæрзтæй.

Параллелонæй  Антакиайы районы, Хаттайы  провинцийы ноджы иу  сыгъд фæзындис. Зынгсирвæзты  расайæг  аххос  нырма  бæрæг нæу.  Бынæттон медиа куыд фыссы афтæмæй,  Турчы  хицауад   инцидентыл  цырд  реакци равдыста  æмæ цауы  бынатмæ арвыста  дыууæ  зынгхуыссынгæнæг хæдтæхæг, фараст   хæрдмæтæхæг, дæс   зынгвæдисон  хæдтулгæ.