Турчы хицауад коронавирусæй  мæлæты фыццаг цауы тыххæй фехъусын кодта
Турчы хицауад коронавирусæй мæлæты фыццаг цауы тыххæй фехъусын кодта

Турчы  хицауад   коронавирусæй  мæлæты  фыццаг  цауы тыххæй фехъусын кодта.   Уымæй  уæлдай,  коронавирусæй  инфициргондты  нымæц,  фæстаг æхсæв-боны мидæг   51 –æй  райрæзтис  æмæ  98-мæ  аххæссыд.   Уый  фæдыл   Турчы  æнæнизхъахъхъæды  министр Фахретин Коджа  райхъуссын кодта.

Турчы   æнæнизхъахъъхæды  министры информацийæ,   фæмардуæвæг  89 аздзыд пациент  уыд.  Уымæн  контакт уыдис  Китайимæ баст инфициргондимæ.

Вирусы  ахæлиуы тыххæй, Турк  фæлвæтк  мадзæлттæ райста.  Урæд æрцыд   ахуыры  процесс. Хицауады  барамындæй,   æхгæд æрцыдысты  туркаг абанæтæ.