Торникэ Шенгелиа Испанийы чемпионаты мæйы сеппæтæй хуыздæр хъазæг у (видео)

Гуырдзыстоны  æмбырдгонды  æмæ   «Баскониайы»   капитан  æмæ раздзог  баскетболисты Торникэ Шенгелиайы, Испанийы  «Лига Эндесайы»  февралы  мæйы  сеппæтæй  хузыдæр  хъазæгыл банымадтой.

Испанийы   баскетболы   чемпионаты  февралы  сеппæтæй хуыздæр   баскетболисты рагафонмæ,  бæрæг  аххосæгты тыххæй   схуыдтой.  Цæугæ мæйы  кубокмæ  матчытæ сты   нысангонд. Стæй  та националон   æмбырдгæндтæн  рахицæнгонд период  æрлæудзæн.

«Баскониа»   февралы  æдæппæт  ахъазыд 2  фембæлд. «Уникахаимæ» матчы   Торникэ   æрымбырд кодта  15  баллы,  «Обрадориосимæ»  цы матч  рамбылдтой  уым та   æрымбырд кодта   19  баллы.

Торник Шенгелиа  Испанийы  «Лига Эндессайы»  мæйы   хуыздæр  хъазæгыл,  йæ  карьерæйы  дæргъы   дыккаг хатт банымадтой.   Фыццаг хатт  уыд  2018 азы.