Илиас Зурос – хъуамæ ныффыссæм истори
Илиас Зурос – хъуамæ ныффыссæм истори

26 февралы Гуырдзыстоны баскетболистты æмбырдгонд  ахъаздзæн   Исландиимæ.  Фембæлд  историон нысаниуæгджын у –  Дунейы  Чемпионатмæ балцæг  кæнæ Гуырдзыстон рамбулдзæн кæнæ Исланди.  Матч 20  сахатыл  райдайдзæн  æмæ   комкоммæ репортаж   равдисдзæн Гуырдзыстоны Фыццаг  Канал.

Матчыагъоммæ  цымидисон темæтыл фæныхас кодта  Гуырдзыстоны æмбырдгонд  тренер  Илиас Зурос.

«Матчыты  æхсæн   тынг цъус рæстæг куы вæййы,  уæд бирæ саразын  гæнæн нæй  – нæдæр тактиконæй æмæ нæдæр   физиконæй. Æнцой иу кæнæм  æрмæст    баскетболистты  джелбеттыл.

Ацы рæстæджы тынг нысаниуæгджын у физикон бацæттæйы  тренерты æмæ дохтырты   роль.  Фæнды бузныг зæгъын    се стыр куысты тыххæй.  Баззадис ма дзы иу  хъазт. Алцыпаттæ    адæймаджы  зондыл у баст,  кæд менталонæй  фидар дæр, уæд физикъонæй  дæр  тыхджын уыдзынæ.

Уырны мæ, ацы моменты  алчи æмбары, уымæй  уый у æгæрон   быцæусидт  бæстæйæн æмæ  баскетболисттæн.

Ахæм шанс  арæх нæ  фæзыны.  Хъуамæ ныффыссæм истори. Алчи  йæ  тыхты 100 процентæй хъуамæ бахардз кæна, цæмæй  нысаниуæгджын æмæ вазыгджын нысанмæ баххæссæм.

Уый æппæт райдыдта  2 азы размæ.  Фавориттæ нæ уыдыстæм, фæлæ нæ  хъазтæй  ныр  аккаг стæм дунейы  Чемпонатыл  райсы хайад.

Фæнды мæ алкæмæн бакой кæнын – ацы  равзарæн  этапыл дыууæ матч рамбылдтам, кæцыты  фæстиуджытæ  нымадмæ ист нал цæуынц. Уый раст нæу.  Фыццаг этапыл дыууæдæр матчы  абырстам   Цæгат Македони, фæлæ  уый тыххæй, цæмæй Уæрæсейы  турнирæй феддæуар кодтой,  мах ацы  дыууæ уæлахидзинадæй фæцух  стæм.  Æндæр балтæ  кæцытæ Уæрæсеимæ фембылд сты,  махимæ абаргæйæ  уæлидзинадæй рацыдысты  дыккаг  этапмæ.

«Тбилиси Аренæйыл»  алы билет  ауæй ис, сæрхъызойтæ  уæлæмхас энерги   нын фæхай кæндзысты. Алцыппæт сараздзыстæм , цæмæй сын сæ ныфысытæ  фæраст кæнæм».