Дунейы чемпионат фигурон бырынæй | Анастасия Губанова сæххæст кодта цыбыр программæ æмæ ахызт финалмæ #1TVSPORT
Чехийы столицæ Прагæйы райдыдтой Дунейы ерыстæ фигурон бырынæй. Гуырдзыстоны иугонд балы фыццаг минæвар уыд Анастасия Губанова.
Сылгоймæгты цыбыр программæ сæххæст кодта бæрзонд æмвæзадыл æмæ тæрхонгæнджытæй райста 69,92 баллы. Ацы бæрæггæнæн фаг уыд финалмæ рахизыны тыххæй.
Анастасия Губанова æххæст кæндзæн уæгъдибар программæ 27 мартъийы. Конкурс райдайдзæн 21 сахатыл. æмæ комкоммæ æвдыст Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал æмæ ыФыццаг Къанал Спорт сæххæст кæндзысты.