Торнбьорн Ягланд – Гуырдзыстон махæн у пайдахæссæг æмгуыстады æмæ фæлтæрдзинад фæхай кæныны тынг хорз дæнц
Торнбьорн Ягланд – Гуырдзыстон махæн у пайдахæссæг æмгуыстады æмæ фæлтæрдзинад фæхай кæныны тынг хорз дæнц

Мæнæн стыр цыт у  Гуырдзыстоны  премьер-министр Мамука Бахтадзейæн сфысым кæнын.   Фæнды  мæ  бахахх кæнын Гуырдызстон æмæ Европæйы  советы  æхсæн ахастыты  бæрзонд  гъæд  –  уый фæдыл  Европæйы  советы  генералон нымæрдар, Торнбьорн Ягланд  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзеимæ фембæлды  фæстæ   райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   фембæлдыл   Гуырдзыстоны  ног   архайдон план æркастысты.

«Цæугæ азы  ноябры  Гуырдзыстон  æрывналдзæн   министрты комитеты  сæрдариуæгы хæстæм. Нæ фембæлды рæстæджы мын куыд  фехъусын кодтой  афтæмæй,   Гуырдзыстон активонæй   цæттæ кæны  ацы  фæзындмæ. Афтæдæр æркастыстæм Гуырдзыстоны ног архайдон план. Нырыккон    архайдон планы фæлгæтты,   уагъд æрцыд   иттæг нысаниуæгджын   куыст.  Дæнцæн,   ацы куысты  фæстиуæг у ног конституци,  кæцыйы  руаджы, Гуырдзыстон  ахызт  æххæстæй парламентон демократийы  системæмæ.  Уыд   бæрæг зындзинæдтæ  президентон   æвзæрстыты рæстæджы, фæлæ   ацы æрдгæй  политикæйы фæхуыздæр нæ прерогативæ нæу», –  райхъусын кодта Торнбьорн  Ягланд.

Афтæма, йæ  ныхæстæм гæсгæ,   Европæйы  совет  афæдзы  дыууæ хатт публикаци  кæны  консолидацигонд   хыгъдлæвæрд   Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны  сепаратистон  регионты тыххæй.

«Афтæдæр хъуамæ банысан кæнон,  цæмæй  ацы  постыл мæ куысты  10  азы  дæргъы,   мах  афæдз мидæг дыгай  хатт   публикаци кæнæм консолидацигонд   хыгъдлæвæрд Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны  сепаратистон   регионы тыххæй.  Ацы  хыгъдлæвæрдты   публикаци кæнын  иттæг  нысаниуæгджын у.  Премьер-министримæ  иумæ  абон   æркастыстæм  ацы  регионы  рæувадат скæнын фадæттæ  фæхуыздæры  фæндæгтæ.   Мах адарддæр кæндзыстæм кусын  æууæнк  сæндидзын  кæныны æрдæм уагъд мисситыл, кæцыйæн   уырнæг  дæн, Гуырдзыстон бæрзонд  аргъ кæны», –  райхъусын кодта Европæйы  Советы  генералон нымæрдар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон, зæгъгæ  æнтыстджын æмкуысткæнынады  æмæ фæлтæрддзинады  фæхай кæныны  иуыл хуыздæр дæнц у.

Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе, Европæйы  советы  генералон  нымæрдар, Торнбьорн Ягландимæ,  Страсбургмæ кусæн визиты  фæлгæтты  фембæлд.