Тинатин Рухадзе Гуырдзыстоны Туркы минæваримæ базонгæгæнæн фембæлд сарæзта
Тинатин Рухадзе Гуырдзыстоны Туркы минæваримæ базонгæгæнæн фембæлд сарæзта

Гуырдзыстоны культурæ æмæ спорты министр, Тинатин Рухадзе, Гуырдзыстоны Турчы республикæйы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Али Каан Орбаимæ базонгæгæнæн фембæлд сарæзта. Информаци парахат кæны министрад.

«Фембæлдыл Гуырдзыстон æмæ Туркы æхсæн культурон ахастыты перспективæ æмæ кæрæдзийæн пайдаджын æмкуыстдзинады фæарфдæр кæныны фæдыл фæныхас кодтой. Ныхас кодтой фидæны проекттæ æмæ мадзæлттыл, кæцыты реализаци ахсджиаг у дыууæ бæстæйы æхсæн ахастытæн.

Ныхас баххæсыд дыууæ бæстæйы дæр культурон бынтæ цыртдзæвæнты бахъахъхъæнын æмæ бахъахъхъæныны фарстамæ», – банысангонд у культурæ æмæ спорты министрады информацийы.