Тинатин Бердзенишвили – Уалдзæгон сезоныл кæсджытæн бирæгъуызон эфир банхъардзыстæм
Тинатин Бердзенишвили – Уалдзæгон сезоныл кæсджытæн бирæгъуызон эфир банхъардзыстæм

Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили хъусын кæны, цæмæй  уалдзæгон  сезоныл   кæсджытæн  банхъардзæни  ранæуæггонд эфир.

«Украинайы  хæсты тыххæй, хъыгагæн, уалдзæгон  сезон, цахæм хъуамæ уыдаит ахæм нæу,  ахызтыстæм   ног   реалондзинадмæ, плангонд нын цы уыд, уый  раивдтам  æмæ  эфиры  алæвæрдтæ цъус  æвæстиатæй,  ивдæй  цæудзысты.  Фæлæ  иузæрдыг   кæсджытæн  банхъардзыстæм   ранæуæггонд, бирæгъуызон  эфиры  хызаг. Кæй зæгъын æй хъæуы,  Украинайы  темæ  активон уыдзæн  нæ  теле æмæ радио  эфирты, афтæма  онлайн дæр», – банысан кодта  Тинатин Бердзенишвили  алæвæрд  «Дгъис Къоди»-ы.

Афæтма йæ дзырдæй,  зæгъгæ Фыццаг Каналыл  райдыдта «Ранина»,  кæцымæ кæсджытæ æнхъæлмæ кастысты.

Генералон директор  куыд банысан кодта афтæмæй,  Фыццаг Каналы эфиры  абон, 22:00 сахатыл   ног гуырдзиаг сериал  «Уарзондзинады иннæ фарс»  райдайдзæн.

Афтæма йæ дзырдæй,  сентябрæй  Фыццаг Каналыл цæудзæн æндæр  жанры сериал дæр, афтæма цæуы куыст цалдæр проектыл.

«Сентябрæй  æндæр бирæ  жанрты сериалтæ нын уыдзæн,  гуырдзыйаг хахх  кæнын,  тынг хъал стæм уымæй, цы нын ис  æмæ агурæм ног проекттæ, кæцытæ  интересон  уыдзæн  æнæрмæст каналæн, фæлæ ма  ацы æхсæнады хайæн дæр. Кусæм  цалдæр проектыл. Нæ алы продукт, кæцы  ныр цæттæ кæны,  кæнæ  æрцæттæ уыдзæн,  цы  аргъдзинæдты  тыххæй  райхъусын кодтам уыдонмæ æмбæлон сты æмæ нæ фæнды,  цæмæй  ацы  стыр балцы нæм æрбаиу уа кæсджытæ дæр», –  райхъусын кодта Тинатин Бердзенишвили.