«The Telegraph» - Борис Джонсон гæнæн ис уа НАТО-ы генералон нымæрдар
Борис Джонсон гæнæн ис НАТО-йы генералон нымæрдарæй суа, – уый фæдыл информаци хъусын кæны «Телеграф».
Рауагъдады информацийæ, Британйиы консервативон партийы бæрзонд гæстæ сразы сты Борис Джонсоны кандидатурæимæ, НАТО-ы генералон нымæрдары постмæ. Джонсоны кандидатурæимæ сразы сты хъахъхъæнынады комитеты уæнгтæ, Ричард Дракс æмæ Марк Франсуа, афтæма Британийы «Брекситы» раздæры министр Девид Джонсон.
НАТО-йы генералон нымæрдары пост вакантон суыдзæн цæугæ азы сентябры. Рауагъдад фыссы, цæмæй бритайнаг кандидатæн ацы постыл ис уæлимдзинад «АИШ-ы æнæууæнкы тыххæй Евроцæдисы кæцыфæнды фигурæмæ, кæцы бацахстаит пост, Евроцæдисы ног æфсады планмæ гæсгæйæ» .
Британийы афтæдæр разагъдæуыд зæрдæхсайд Джонсоны кандидатурæйы тыххæй, уымæ гæсгæ æмæ Францы президент Эммануэл Макрон ацы идеяйыл вето сывæрдзæн.