Телавы  Централон рынчындоны директоры марындзинады  аххосагæй  ахст пъæлицæйаг гæсæн  ахст  стæрхон кодтой
Телавы Централон рынчындоны директоры марындзинады аххосагæй ахст пъæлицæйаг гæсæн ахст стæрхон кодтой

Тæрхондон  Телавы  Централон рынчындоны  директоры марындзинады  аххосагæй  ахст  Телавы пъæлицæйы  уагдоны хистæры хæдивæгæн,  фæтæрхон кодта æфхæрды мадзалыл.  Телавы райнон  тæрхондоны  тæрхонгæнæг   Марика  Церцвадзе  сразы ис  зылынгæнæг фарсы  куырдиатимæ æмæ  Вано  Зандарашвилийæн   стæрхон кодта  ахст.

Вано Зандарашвилийы  ныхмæ  фæдæвзарæн цæуы  барæй марындзинады æмæ  буар базиан кæныны  аххосагæй. Паддзахадон зылынгæнæг фарс уыйы  Телавы   централон рынчындоны  директоры  38  аздзыд  Зураб Сачишвилийы  марындзинады æмæ мерийы  юридикон  куысты  хистæры  фæцæф кæныны  зылынджын кæны.

Цау 25 декабры  æхсæв хъæу Ихъалтойы  æрцыд, цы  ран фæдагуырды  версийæ,  пъæлицæйы  бæрзонд гæс   æхсæнгарзæй   цалдæр хатт фехсгæйæ   амардта Зураб Сачишвилийы. Хъуыддагыл фæдæвзарæн  уадзы прокуратурæ.