Теймураз Купатадзе - Давит Гареджийы сабыр уавæр сабыр у, æввахс бонты кувджытæн æмæ туристтæн сæрибарæй бынативды фадат уыдзæн
Давит Гареджийы моладзандон комплексы цур æрцæугæ инцидентмæ гæсгæ, гуырдзиаг-азербайджайнаг фæрсты æхсæн фембæлд ацыд.
Фембæлды фæстæ журналисттæн Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты мнистрады арæйнон полицийы хистæры хæдивæг Теймураз Купатадзе куыд фехъусын кодта афтæмæй, зæгъгæ æввахс иу къуырийы дæргъы, æнæбадзургæ территорийыл, цы ран ныры онг, æмбæстæгты æмæ кувджытæн змæлды бар уыд, ацы рæстæгмæ архайæг арæнæвæрд ист æрцæудзæн æмæ сын змæлды бар уыдзæн.
«Æртæрхон кодтам уыцы периодыл, цы периоды дæр уыдзис арæнæвæрд ацы территорийыл. Ай æххæссы цалдæр бонмæ æмæ æввахс бонты фегом уыдзæн, уавæр æрыздæхдзæн хуымæтæг режиммæ. Æмбæстæгтæ, кувджытæ æмæ туристтæн уыдзæн бар сæрибарæй рацу-бацу кæнын уыцы территорийыл, кæцы ран дæр сын уый бар уыдис зноны боны онг» райхъусын кодта Купатадзе.
Теймураз Купатадзе афтæдæр фæныхас кодта зноны инциденты тыххæй. Йæ информацийæ, бынæттон цæрджытæ дзырдæй æфхæрдтой азербайджайнаг арæнхъахъхъæнджыты, кæцы фæстæдæр расайдта быцæудзинад. Уавæр æрсабыр ис гуырдзиаг арæнхъахъхъæнджыты руаджы.
Афтæма Теймураз Купатадзейы дзырдæй, куыд азербайджайнаг арæнхъахъъхæнджытæ фембæлдыл баынсан кодтой, дзуæрттæ зæгъгæ, æнæразыгонд территорийыл уæвæг кувæндоны, боныхъæды фæфыддæры тыххæй зиан кодтой æмæ фæнысангонд се фсон кæй ма фæуыдаит уый тыххæй сæ ахастой моладзандонмæ.
«Уыдон райхæлдтой, цæмæйй боныхъæды фæфыддæр цауы, ацы дзуæрттæ зиан кодтой, куыд дымгæйы афтæ къæвдайы цауы æмæ аххосæгтæй хибахизыны тыххæй, цæмæй сæ аххос ма фæкодтаиккой базиан, уый тыххæй сæ схастой моладзандонмæ» – райхъусын кодта Купатадзе.