Теймураз Купатадзе  - Давит Гареджийы сабыр уавæр сабыр у, æввахс бонты кувджытæн æмæ туристтæн сæрибарæй бынативды фадат уыдзæн
Теймураз Купатадзе - Давит Гареджийы сабыр уавæр сабыр у, æввахс бонты кувджытæн æмæ туристтæн сæрибарæй бынативды фадат уыдзæн

Давит Гареджийы  моладзандон комплексы цур æрцæугæ  инцидентмæ гæсгæ,  гуырдзиаг-азербайджайнаг  фæрсты æхсæн фембæлд  ацыд.

Фембæлды фæстæ журналисттæн  Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты мнистрады арæйнон полицийы  хистæры хæдивæг  Теймураз  Купатадзе  куыд  фехъусын кодта афтæмæй, зæгъгæ  æввахс иу къуырийы дæргъы,  æнæбадзургæ территорийыл, цы ран  ныры онг, æмбæстæгты  æмæ  кувджытæн  змæлды  бар уыд,  ацы рæстæгмæ архайæг  арæнæвæрд  ист æрцæудзæн  æмæ сын змæлды бар уыдзæн.

«Æртæрхон кодтам уыцы  периодыл, цы периоды дæр уыдзис арæнæвæрд  ацы территорийыл.  Ай æххæссы  цалдæр бонмæ æмæ æввахс бонты  фегом уыдзæн, уавæр æрыздæхдзæн хуымæтæг режиммæ. Æмбæстæгтæ, кувджытæ  æмæ туристтæн  уыдзæн бар сæрибарæй  рацу-бацу кæнын уыцы  территорийыл, кæцы  ран дæр  сын уый  бар уыдис  зноны боны онг» райхъусын кодта Купатадзе.

Теймураз Купатадзе  афтæдæр фæныхас кодта  зноны инциденты тыххæй.  Йæ  информацийæ, бынæттон  цæрджытæ  дзырдæй  æфхæрдтой  азербайджайнаг   арæнхъахъхъæнджыты, кæцы  фæстæдæр расайдта быцæудзинад. Уавæр æрсабыр ис  гуырдзиаг арæнхъахъхъæнджыты   руаджы.

Афтæма  Теймураз Купатадзейы   дзырдæй,   куыд  азербайджайнаг  арæнхъахъъхæнджытæ  фембæлдыл баынсан кодтой,  дзуæрттæ  зæгъгæ, æнæразыгонд территорийыл  уæвæг кувæндоны, боныхъæды  фæфыддæры тыххæй  зиан кодтой æмæ фæнысангонд се  фсон кæй  ма  фæуыдаит уый тыххæй сæ  ахастой  моладзандонмæ.

«Уыдон райхæлдтой, цæмæйй  боныхъæды  фæфыддæр цауы,  ацы   дзуæрттæ  зиан кодтой,   куыд  дымгæйы афтæ   къæвдайы  цауы æмæ  аххосæгтæй  хибахизыны   тыххæй, цæмæй   сæ  аххос  ма  фæкодтаиккой базиан, уый тыххæй  сæ  схастой  моладзандонмæ» – райхъусын кодта  Купатадзе.