Тбилисы транспортон компанийы хъусын кæнынц, цæттæ кæй сты къуырисæрæй  бæлццæтты райсынмæ
Тбилисы транспортон компанийы хъусын кæнынц, цæттæ кæй сты къуырисæрæй бæлццæтты райсынмæ

Тбилисы   транспортон компани  æххæстæй  цæттæ у  къуырисæрæй  сæумæрайсомы  06:00 сахатæй  бæлццæттæн лæггад кæнынмæ – хъусын кæны транспортон компанийы  медиимæ  ахастыты  менеджер  Тамаз Робакидзе.

Тбилисы  транспортон  компанийы  хъусинагæй,  ацы  этапыл   алы  метростанцæйы,  алы змæлæг сконды вагонты,  афтæма автобусты   дезинфекци  цæуы.

«Дезинфекци цæуы æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы  рекомендацигонд  специалон буарадтæй. Дезинфекцион мадзæлттæ  дарддæр кæндзысты   æрвылбойнонæй, алы æхсæв, цалынмæ  кусынмæ рацæудзысты  кæдмæ.

Рекомендациты тыххæй куы зæгъæм,  – алы бæлццон хъуамæ уа маскæимæ æмæ  уый контрол кæндзысты нæ кусджытæ æмæ метро патрулгæнджытæ.  Иунæг бæлццоны дæр нæ бауадздзысты  кæд йæм маскæ нæ уа уæд,  автобус та нæ  сызмæлдзæн, кæд æмæ сикæцы бæлццонæн  нæ  уыдзæн маскæ.

Комменданты сахаты тыххæй, метро  æмæ  автобус дæр кусдзысты 21:00 сахаты онг.  Ис ма дзы  иу  рекомендаци – автобусты тæрджыты  раз ис  хъахъхъæнæг  барьер  æмæ  бæлццæттæм сæ  бон нæу  тæрæгмæ  хæстæг бацæуын.  Бæлццæтты къада, метро æмæ автобусты дæр  кусдзæг  æнæивгæ  ранывæзтæй.  Уый тыххæй  цæмæй  стыр мобилондзинадмæ не  нхъæлмæ кæсæм,  ацы интервал нæ  ивдзыстæм» = хъусын кæнынц  компанийы.

Уыйимæ иумæ ма, транспортон компанийы  кусджытæн   æрвылбойнонæй  араздзысты  термоскрининг  æмæ симптомты  фæбæрæгы  цауы,  компани архайдзæн æмбæлгæйæ.

Къуырисæрæй,  8 февралæй Гуырдзыстоны муниципалон  транспорт  æххæст бæстæйы  масштабæй  скусдзæн.