Тбилисы транспортон компани – «Метроманитæ»  сæ тыхы баззайдзысты,  фæнысангонд бæлццонон картæтæ  архайдзысты æрмæст иухаттон  бафидынæн универсалон фæрæзы хуызæй
Тбилисы транспортон компани – «Метроманитæ» сæ тыхы баззайдзысты, фæнысангонд бæлццонон картæтæ архайдзысты æрмæст иухаттон бафидынæн универсалон фæрæзы хуызæй

Социалон хзæгты  хæлиу кæны информаци,  цæвиттон   ныры онг архайæг   бæлццонон картæ «метроманитæ»  ивд цæуынц, кæцы раст нæу –  уый фæдыл информаци хъусын кæны  Тбилисы  транспортон   компани.

Афтæма сæ информациæ, фæнысангонд бæлццонон картæтæ  баззайдзысты сæ  тыхы æрмæст иухаттон  бафидынæн универсалон фæрæзæй, бæлццонон абонементы параллелонæй.

«Уымæй  уæлдай ма,   картæтыл ныры онг цы  баланс  уыдис, уый æнæивгæйæ  баззайдзæн æмæ фæнысангонд суммæтæй  спайда кæнын  бæлццонæн йæ  бон у  æнæкуылымпыйæ.

«Метроманийæ» балцы аргъ  баифдын  ныры онг   гæнæн  уыдис  метройы, автобусæй, æмæрæтæнфæндагæй  балцы рстæджы, амæй фæстæмæ та,   гæнæн уыдзæн    цъæх  микроавтобустæй балцы рæстæджы дæр.

Тбилисы мэри  бирæ хатт  сарызта фидиуæнт, ома  ныры онг архайæг картæтæ   сæ тыхы баззайдзысты.  Фидæны дæр, кæцыфæнды  ахæм   ногдзинады фæдыл информацийы,ф ыццаджы дæр райхъусын кæндзæн Тбилисы мэри» – банысангонд у  транспортон  компанийы  информацийы.