Тбилисы олимпион Галуаны уагъд цæуы Сабион Евроуынынад 2017-ы финалон шоу
Тбилисы олимпион Галуаны уагъд цæуы Сабион Евроуынынад 2017-ы финалон шоу

Сабион Евроуынынады финалон шоу байгом ис  2016 азы  уæлахизгонды, Мариам Мамадашвилийы  зарæгæй «Мзео».

Тбилисы  олимпион галуаны  конкурсы баконды церемонийыл  16 бæстæйы минæвар, специалонæй ацы бонмæ  фыст  гимн сыххæст кодтой.

Евроуынынад 2017-ыл  фыццагт номырæй рацыд  Къипры минæвар Никола Николау.

Æппынфæстаг  хайадисæг та, кæцы сценæйыл рацæудзæн,  у Италийы минæвар   Мариа Исиде Фиоере.

Юбилейон  Сабион Евроуынынады радæй 15-æм  конкурс, олимпион галуаны  цæуы уагъд  æмæ  уым хайад райсдзысты 16 бæстæйы  минæвары.

Григол Хъипшидзе  Сабион Евроуынынады рацæудзæн  зарæгæй «Гулис Хма». Композицийы автор у  Гига Кухианидзе, æрмæст тексты автор та –  Темо Саджаиа.

Конкурсы историйы  фыццаг хатт,   кæсджытæн уыдзæн фадат онлайн режимы схъæлæс кæнын сæрмагонд бæстæйы минæварæн. 16 бæстæйæ  хайадисджыты æхсæн, кæсджытæн уыдзæн бар схъæлæс кæной  æрмæст 5 фаворитæн.

Онлайн хъæлæскæныны  процедурæ абон,  грандиозон шоуйы  размæ æрцæудзæн урæд  æмæ  сценæйыл 16  конкурсантдæр  куы рацæудзысты уый фæстæ, 15 минуты æмгъуыдмæ сног уыдзæн.  Онлайн хъæлæстæ та, баллты хуызæй æрцæудзысты æвдыст   конкурсантты хыгъдыл.

Уæлахизгонд  конкурсант,  рабæрæг уыдзæн   æхсæнадæмон жюрийы  аргълæвæрды æмæ  онлайн баллты бахыгъд кæныны  фæрцы.