Тбилисы мэрий - Мах цы мадзæлттæ план кæнæм уыдон сты дзыллæй фарнæн æмæ сæ нысан никуы у æхсæнад афадын
Хъусын кæнæм политиктæн æмæ медийы минæвæрттæн, ма пайда кæнут адинистрацион процессæй политикон нысæнттæн æмæ ма бафтауæт дзыллæ рæдыдмæ – банысангонд у фидиуæны, кæцыйæ Тбилисы мэрий Руставелийы проспектыл цæугæ фæзындтæн дæтты дзуапп.
Фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй декабры мæймæ плангонд ногазон мадзæлттæнницы иумæйаг ис Руставелийы проспектыл знон айтынггонд фæзындтимæ.
«Фæнды нæ банысан кæнæм Руставелийы проспектыл знон æрцæугæ процесстæ, кæцытæн политиктæ æмæ медиа æнæмнысанон аргълææрд скодтой. Хъыгагæн цæугæ фæзындты Тбилисы мэрийы фыстæгæн æнæраст интерпретаци æмæ политикон спекуляцитæ расайдта.
Хаххгондæй банысан кæндзыстæм, цæмæй декабры мæймæ плангонд ног азон мадзæлттæн ницы бастдзинад ис Руставелийы проспектыл знон айтынггонд фæзындтæн.
Дзыллæйы бæрзонд интересы тыххæй, фæнды нæ раргом кæнын æмæ райхалæм парламенты раз цæугæ протестон акцийы организатортæм сахар Тбилисы муниципалитеты мэрийы æрвыст фыстæг.
Хъусын уын кæнæм, цæмæй цæугæ азы 1 ноябры Тбилисы мэриймæ фыстæгæй æрсидтысты акцийы организатортæ. Æркуырд æххæссыд протестон акциты 31-æм декабрмæ адарддæр кæнæнмæ. Тбилисы мэрийы администраци, закъонæй бæлвырд æртæ боны æмгъуыдмæ, дзуаппон фыстæгæй фехъусын кодта акцийы организатортæн декабры мæймæ плангонд мадзæлтты фæдыл, æмæ сæм куырдиатæй басидтис, сæ зæрдыл бадардтаикой фæнысангонд аууæлттæ.
Зонут æй, цæмæй Тбилисы парламенты раз, æрвылазонæй, традиционæй уагъд цæуынц ногазон мадзæлттæ. Тбилисы мэриймæ ницы бар ис фæтобæ кæна , кæнæ та ратта бар акцийы хайадисджытæн, цартыртæ сæвæрын. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, мэрийы куырдиаты зæрдыл бадарын у, мериймæ æрбацæугæ фыстæгы авторты, ацы цауы та – акцийы организаторты прерогативæ.
Тбилисы мэрий хъахъæны закъон æмæ цæрджыты интересты. Тбилисы кæддæриддæр уагъд цæуынц æндæр æмæ æндæр хуызы æмбырдтæ æмæ уыдоны куылымпыгæнæг сæйраг сахары хицауад никуы уыдис.
Хъусын кæнæм политиктæн æмæ медийы минæвæрттæн, ма пайда кæнут адинистрацион процессæй политикон нысæнттæн æмæ ма бафтауæт дзыллæ рæдыдмæ. Тбилисы мэрийы плангонд мадзæлттæ здæхт сты æрмæстдæр сахары фарны рдæм æмæ дзыллæ афадын кæнæ кæрæдзимæ сбыцæу кæнын сæ нисан никуы уыдис»- банысангонд у Тбилисы мэрийы фидиуæны.