Руставелийы  проспектыл ацы рæстæгмæ уавæр сабыр у, сног ис  транспорты змæлд
Руставелийы проспектыл ацы рæстæгмæ уавæр сабыр у, сног ис транспорты змæлд

Руставелийы  проспектыл  ацы рæстæгмæ  уавæр сабыр  у.   Сног ис   транспорты  змæлд.

Территори  æмбæлгæ  куыстыты минæвæрттæ  нырид ныссыгъдæг кодтой.

Парламенты   бæстыхайы  цур зæгъæн ис æнæхъæн æхсæв цыд акци. Демонстранттæ  «Фæсарæйнаг æндæвдады  æргомдзинады фæдыл»  закъонопроекты   фыццаг хъусынæй  райст спротетс кодтой æмæ  закъонопроекты  фæстæмæ асидын домынц.

Барадхъахъхъæнджытæ  акцийы  хайадисджыты   доны сыгæй,   цывзы  спреййæ  æмæ  цæссыгуазæн газæй  ныссæстой.

Уæвæг информацийæ, пъæлицæй   акцийы  50-ы  онг    хайадисæгы  æрцахста.

Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй Руставелийы   проспектыл  æрымбырдуæвджытæ,    уагдоны  кусджыты ныхмæ архайдтой   æндæр æмæ æндæр дзаумайæ, уый нымæцы  арт æфтауæн  фæрæзтæй.