Тбилисы, бизнесмен Гоги Топадзейы хъæбулы хъæбулы фæцæф кодтой. Цæфы фæхæццæ кодтой Хечинашвилийы номыл клиникæмæ.
Клиникæйы цур Гоги Топадзе журналисттæн куыд загъта афтæмæй, йæ хъæбулы хъæбулы уавæр уæззау у.
«Нæ йæ федтон, сæумæрайсомы 05:00 сахаты фæстæ. Уæззау уавæры ис, нæ зонын. Мæ хъæбулы хъæбулы æртæ хæларæй минас кодтой рестораны. Тынг рæгмæ æрыздæхтысты хæдзæрттæм. Сабат бон уыдис» – райхъусын кодта чысыл комментарийы рæстæджы Гоги Топадзе.
Афтæма, цæф у ноджы иу гоймаг, кæцы афтæдæр Хечинашвилийы номыл клиникæйы хуыссы. Дохтыртæ сæ æнæниздзинады фæдыл комментари нæ аразынц. Афтæдæр ацы афонмæ ницы хуъсын кæнынц МХМ-ы.