Тбилисы байгом уыдзæн æхсæнадæмон конференци, кæцыйы хайад исдзысты бæрзонд рангы уазджытæ
Тбилисы абон экономикон политикъæ иртасыны центры æмæ Маккейны институты организацигондæй радæй фæндзæм æхсæнадæмон конференци байгом уыдзæн.
«Тбилисы æхсæнадæмон конференцийы» хайад райсдзысты бæрзонд рангы дипломаттæ, æхсæнадæмон эксперттæ æмæ Гуырдзыстоны хицауады уæнгтæ.
Бæрзонд рангы уазджыты æхсæн сты НАТО-йы раздæры генералон нымæрдар Андерс Фог Расмусен, Европæ æмæ Евразийы фарстаты АИШ-ы паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæджы хæстæ æххæстгæнæг Филип Рикер, Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Линас Линкявичус, Латвийы раздæры президент Валдис Затлерс, Европæйы Америкæйы гарзджын тыхты раздæры сæйрагкамандыгæнæг, инæлар Бен Ходжес æмæ æндæртæ. Конференцийы куысты хайад райсдзысты æхсæнадæмон эксперттæ æдасдзинады сферæйы.
Дыууæ боны дæргъы уынаффæйы сæйраг темæтæ уыдзæн Гуырдзыстоны перспективæтæ НАТО-ы æмæ евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл, Уæрæсейы деструкцион политикæ æмæ тох уымæй цæугæ дезинформацийы ныхмæ æмæ гибридон хæсты ныхмæ, Украинайы конфликт, Турк æмæ йæ сыхæгтæ, АИШ-ы æддаг политикъæ, Брексит æмæ æндæртæ.