Павел Герчински – ныфс дарын, цæмæй Гуырдзыстон  ноджы иу  каъхдзæфæй   рацæудзæн размæ  Евроцæдисы  уæнгдзинады  фæндагыл, кæцы нысан кæны  кандидаты  статус, фæлæ  уый 27   уæнг  паддзахад хъуамæ аскуыддзаг кæна
Павел Герчински – ныфс дарын, цæмæй Гуырдзыстон ноджы иу каъхдзæфæй рацæудзæн размæ Евроцæдисы уæнгдзинады фæндагыл, кæцы нысан кæны кандидаты статус, фæлæ уый 27 уæнг паддзахад хъуамæ аскуыддзаг кæна

12  приоритетыл  куыст цæуы, цалдæр къуырийы размæ Еврокомисси бавдыста а.х.  дзыхæй раныхас, Еврокомиссийы аргълæвæрдæй 12-æй  æртæ  рекомендаци  æнæхъæнæй сыххæст, дыууæ рекомендацимæ гæсгæ нæ хъæуы  фæтагъд кæнын, – уый фæдыл   Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæвар  Павел Герчински  райхъусын кодта.

Минæвары  дзырдæй,   уæлæмхас кусын  хъæуы  медиайы  сæрибардзинады æмæ  деолигархизацийы  фарстатыл.

«Уый у  медиайы сæрибардзинад æмæ  деолигархизаци.  Иннæ  авд  рекомендацийы  ис  бæрæг прогресс, фæлæ  фылдæры æнхъæл стæм.  Куыд æй уынæм афтæмæй,  сурæт у  хъулон,  кæцы мæ  хъуыдымæ гæсгæ   позитивон у.   Нырма ис рæстæг, цалынмæ Еврокомисси   рауадздзæн   ацæрæхы фæдыл  хыгъдлæвæрд  октябры æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алчи æнхъæлмæ кæсæм  уынаффæ райстмæ 27  уæнг  паддзахады æрдгæй,  бæрзонддæр политикон æмвæзадыл, паддзахадон лидерты  æмвæзадыл  дарддæры къахдзæфты  тыххæй,   длзырд куы цæуы  Евроцæдис-Гуырдзыстоны ахастытыл уæд. Евроцæдисы уынаффæ  декабры уыдзæн æмæ  æргомзæрдæйæ ныфс  дарын, цæмæй Гуырдзыстон  ноджы иу  каъхдзæфæй   рацæудзæн размæ  Евроцæдисы  уæнгдзинады  фæндагыл, кæцы нысан кæны  кандидаты  статус, фæлæ  уый 27   уæнг  паддзахад хъуамæ аскуыддзаг кæна», –   райхъусын кодта Герчински.

Павел Герчински  Гуырдзыстоны парламенты æмæ хурыскæсæн парптнерады æмбæстагон дзыллæйы  форумы  Гуырдзыстоны националон платформæйы   организацигонд конференцийы темæйыл –  «Гуырдзыстоны фæндаг  Евроцæдисмæ»  райста хайад. Минæвары  дзырдæй,  фембæлдыл   æркæсинаг  темæ нысаниуæгджын у, уымæн æмæ  æххæссы   Гуырдзыстоны Евроинтеграцийы  æрдгæй уæвæг быцæусидтытæм.