Анджей Дуда – Польшæ сразы уыдзæн  уыцы плантимæ, кæцытæн сæ нысан у Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн  фарс рахæцын
Анджей Дуда – Польшæ сразы уыдзæн уыцы плантимæ, кæцытæн сæ нысан у Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн фарс рахæцын

Æхсызгон уыдзæн   Евросоветы тыхархайдæн фарсрахæцын  Украинайы  архайадон планæй,  кæцы  фокусиргонд у  фæразондзинадыл,  сног кæнын æмæ  реконструкцийыл, уый ноджы иу хатт бæлвырд кæны  нæ  организацийы   æмбæлондзинад   æмæ нысаниуæг,  Польшæ  сразы  уыдзæн   ацы архайадон планимæ, афтæ куыд  уыцы  плантимæ, кæцытæн  сæ нысан уыдзæн   Гуырдзыстоны æмæ   Молдовæйæн  фарс рахæцын –  уый фæдыл Польшæйы преиздент  Анджей дуда   райхъусын кодта.

Дуда Рекьявикы  саммитыл куыд  фехъусын кодта афтæмæй,   хъуамæ адарддæр уа  кусын  цæмæй фæтагъддæр уа  прогресс Гуырдзыстоны  Евроцæдисы æрдæм фæндагыл.

«Польшæ, куыд  æнæ иу агресси амæттаг, дзæбæх  зоны  бæрнондзинад сифтонг кæныны нысаниуæг хæсты рæстæджы  сæххæст фыдракæндыты тыххæй Украинайы.  Адæймагад  ныхмæ  фыдракæндтæ  æмæ  хæсты фыдракæндтæ хъуамæ  æрцæуой æфхæрд æххæст  масштабæй, цалынмæ алы  фыдгæнæг    дзуаппмæ лæвæрд не рцæудзæн  æмæ  цалынмæ  алы  амæттаг нæ райсдзæн    компенсаци фыдæбоны тыххæй уæдмæ.  Æхсызгон уыдзæн   Евросоветы тыхархайдæн фарсрахæцын  Украинайы  архайадон планæй,  кæцы  фокусиргонд у  фæразондзинадыл,  сног кæнын æмæ  реконструкцийыл, уый ноджы иу хатт бæлвырд кæны  нæ  организацийы   æмбæлондзинад   æмæ нысаниуæг,  Польшæ  сразы  уыдзæн   ацы архайадон планимæ, афтæ куыд  уыцы  плантимæ, кæцытæн  сæ нысан уыдзæн   Гуырдзыстоны æмæ   Молдовæйæн  фарс рахæцын. Нæ фæлтæрддзинадæй зонæм, цæмæй Евросоветы æххуыс сæрмагондæй  нысаниуæгджын у  йæ уæнг  бæстæтæн,  кæцытæ   хъавынц Евроцæдисы уæнг суæвын.  Хъуамæ адарддæр   кæнæм иумæ кусын, цæмæй фæтагъд кæнæм  прогресс Ныгуылæн Балканты  бæстæты, Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы  Евроцæдисмæ  фæндагыл» –   райхъусын кодта Дуда.