Тбилисы æхсæнадæмон  конференцийы «Слава Україні!»-ы хайадисджытæ  хъæу Одзисы, оккупацион хаххы цур уыдысты
Тбилисы æхсæнадæмон конференцийы «Слава Україні!»-ы хайадисджытæ хъæу Одзисы, оккупацион хаххы цур уыдысты

Тбилисы æхсæнадæмон  конференцийы  «Слава Україні!»-ы хайадисджытæ  хъæу Одзисы, оккупацион   хаххы цур уыдысты æмæ  æнæзакъонон  бордеризацийы  процессимæ бынатыл æрзонгæ сты.

Сæрмагондæй та, хъæу Одзисмæ  ныццыдысты  Джордж Бушы  институты  глобалон  политикæйы  директор   Девид Крамер, Европарламентари Анна Фотига, АИШ0ы  раздæры дипломаттæ æмæ  æндæртæ.

«Ацы бынат ссис  ацы  конференцийы регулярон   лæууæн.  Ацы визит нымайæм   иттæг нысаниуæгджын, куыд  зæрдылдарæн, цæмæй  цы бавзæрста Гуырдзыстон 2008 азæй  абоны онг  æмæ уый у  махæн урок, кæцыйæ хъуамæ  сахуыр уæм.   Растдæр уый тыххæй нымайæм  цæмæй нысаниуæгджын у,  нæ делегаци  йæ визит райдайæт ардгæй, куыд  зæрдылдарæн уый, кæцымæ  цæрын стут тыхбын æрвылбойнонæй. Уый у нæ фарсхæцыны равдыст Гуырдзыстонæн, йæ  суверенитет æмæ   территорион æнæхъæндзинадæн.  Адарддæр кæндзыстæм  Гуырдзыстонæн фарсхæцын, цæмæй  иу бон  Гуырдзыстон  фæстæмæ баиу уа  æхсæнадæмонæй  нымад  арæнты» – рахйъусын кодта Джордж Бушы  институты глобалон политикæйы  директор  Девид Крамер.

2 бонон  æхсæнадæмон конференци  Тбилисы  райсомæй  райдаы.  Маккейны  институт  æхсæнадæмон лидердзинадæн, Джордж Бушы  институт æмæ экономикон политикæйы  иртасаг центр  Тбилисы 6-æм æхсæнадæмон  конференцийæн сфысым кæндзысты.

Æрвылазонæй  сентябры,   конференци иу  æрымбырд кæны æдадсзинады регионон экспертты, гуырдзиаг политикты, æмбæстагон активистты  æмæ бизнесы  минæвæртты. Бæрæг куыд у афтæмæй,  фембæлдтыл  фæуынаффæ кæндзысты  Украинайы хæсты фæстиуæгæн сырæзт  ног политикон æмæ æдадсзинады  уавæрыл, æфсæддон  агрессийы  геополитикон  фæстиуджытыл.