Тбилисы абон айтынггонд фæзындтæм гæсгæ ацы этапыл администрацион уагæй ахст сты аст уæнгы
Мидхъуыддæгты министрады информацийæ, Тбилисы абон айтынггонд фæзындты рæстæджы цы барадсасты факттæ фæбæрг ис уыдоны тыххæй ацы этапыл администрацион уагæй ахст сты аст уæнгы.
Афтæма сæ информацийæ, фæдæвзарæн амæлтты фæстиуæгæн 55 уæнгы ныхмæ фæбæрæг ис тыхмидзинады факттæ, сæ нымæцы 53 сты æндæр æмæ æндæр медиафæрæзты минæвæрттæ.
«Мидхъуыддæгты министрад ноджы иу хатт фауы фыдзæрдæдзинадæй мотивиргонд архæйдтæ, сæ нымæцы медиафæрæзты минæвæртты æрдæм тыхмидзинад. Алы уæлдæрæрнымад факты фæдыл цæуынц фæдагурæн æмæ процессон архæйдтæ. Тымидзинад æмæ законхалыны фактты хайадисæг алы уæнгы идентификацийы нысанæн цæуы инцидентты æвдисæг æрмæджыты бацахуыр» – дзырдæуы МХМ-ы информацийы.