«TAV Georgia»-ы прогнозмæ гæсгæ, Тбилисы æмæ Батумы аэропортты бæлццæтты къада фæкъаддæр уыдзæн 12-14 процентæй
Уæрæсеимæ комкоммæ авиабастдзинад аскъуыныны тыххæй, ацы аз бæлццæтты къада Тбилисы æмæ Батумы æхсæнадæмон аэропортты, æнхъæлцау фæкъаддæр уыдзæн 12-14 процентæй – уый тыххæй райхъусын кодта «TAV Georgia» генералон менеджеры хæдивæг Тея Закарадзе.
«Июлы нæм уыд, бæлццæтты къадайы 14 процентæй фæкъаддæр, августы та ноджы фылдæр. Нæ зонæм, цахæм уыдзысты бæрæггæнæнтæ сентябры. Кæд ацы тенденци адарддæр уыдзæн, уæд æнхъæлцау афæдзы кæронмæ нын Тбилисы æмæ Батумы аэропортты юæлцæтты къада фæкъаддæр уыдзæн 12-14 процентæй»- райхъусын кодта Закарадзе.
«TAV Georgia» информацимæ гæсгæ, авиабастдзинады фæтобæйы размæ, Уæрæсейы æрдæм къуырийы миæдг æххæст цыдис 144 авиарейсы.