Æмбæстагон авиацийы агентад -  2022 азы  æхсæз мæйы  бæрæггæнæнтæй, бæлццæтты къада  69%-æй, æрмæст тахтытæ та  70%-æй  сæндидзыд сты
Æмбæстагон авиацийы агентад - 2022 азы æхсæз мæйы бæрæггæнæнтæй, бæлццæтты къада 69%-æй, æрмæст тахтытæ та 70%-æй сæндидзыд сты

2022 азы æхсæз мæйы  бæрæггæнæнтæй, гуырдзыстоны  аэропорттæ  æмтгæй райсгæйæ  балæггад кодтой  1 716 718 бæлццонæн, кæцы  189%-æй  фылдæр у  2021 азы  аналогион  периоды   бæлццæттæ  нымæцæй.  Пандемийы размæ  2019  азы фыццаг  æхсæз  мæйы  бæлццæтты  нымæцмæ гæсгæ, бæлццæтты къадайы  сæндидзыны  бæрæггæнæн 69% ьбæрц у», –  уый фæдыл  æмбæстагон  авиацийы  агентад  хъусын кæны.

Агентады  хъусинагæй, цæугæ азы  фыццаг æхсæз мæйы  Тбилисы æхсæнадæмон аэропорт  балæггад кодта 1 163 177 бæлццонæн.  Рæзт  2021  азы  аналогион  периодимæ  абаргæйæ  166% бæрц у.  Уыимæ иумæ, бæлццæтты  къадайы  фæнысангонд  бæрæггæнæнæй, Тбилисы æхсæнадæмон аэропорт  62%-æй æрыздæхтис  2019  азы  фиксиргонд  бæлццæтты нымæцон бæрæггæнæнимæ.

2022 азы  дыууæ  кварталы мидæг, Кутаисы  æхсæнадæмон аэропорт балæггад кодта   328 386 бæлццонæн. Рæзт 2021  азы аналогион периодимæ абаргæйæ  965%-ы бæрц.  2019  азы фыццаг  6 мæймæ гæсгæйæ  та,  Кутаисы  аэропорты  бæлццæтты  къада  сæндиддзыд  90%-æй.

Батумы аэропортæй  спайда кодтой  216 062 бæлццонæн. Рæзт  2021  азы  аналогионы периодимæ абаргæйæ, бæлццæтты  къада сæндидзыд  87%-æй.

2022 азы   ацæугæ 6 мæйы мидæг, бæлццæтты  нымæцмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны  авиацион базарыл лидер у   «Turkish Airlines». Авиакормпани  базары  13%-он хай  ахсы  æмæ 226 719 бæлццоны  аласта. Ахæм процентон  хайы *13%)  дыккаг бынатыл ис  ныллæгбюджетон  авиакомпани  «Wizz Air» = 226 000 бæлццонимæ.

Фыццаг июлы  уавæрæй, Гуырдзыстоны  аэропортты 40 авиакомпани  74 æрдæмадæй архайынц.