«TAV Georgia»-ы прогнозмæ гæсгæ, Тбилисы æмæ Батумы  аэропортты  бæлццæтты  къада фæкъаддæр уыдзæн 12-14  процентæй
«TAV Georgia»-ы прогнозмæ гæсгæ, Тбилисы æмæ Батумы аэропортты бæлццæтты къада фæкъаддæр уыдзæн 12-14 процентæй

Уæрæсеимæ  комкоммæ  авиабастдзинад аскъуыныны  тыххæй, ацы аз  бæлццæтты  къада Тбилисы æмæ  Батумы æхсæнадæмон аэропортты, æнхъæлцау  фæкъаддæр уыдзæн  12-14  процентæй –  уый тыххæй   райхъусын кодта «TAV Georgia» генералон менеджеры  хæдивæг  Тея Закарадзе.

«Июлы нæм  уыд, бæлццæтты къадайы  14 процентæй  фæкъаддæр,   августы  та  ноджы  фылдæр.  Нæ зонæм,  цахæм уыдзысты  бæрæггæнæнтæ сентябры. Кæд ацы  тенденци адарддæр уыдзæн,  уæд æнхъæлцау  афæдзы  кæронмæ  нын  Тбилисы æмæ Батумы  аэропортты  юæлцæтты къада фæкъаддæр уыдзæн  12-14  процентæй»- райхъусын кодта Закарадзе.

«TAV Georgia» информацимæ гæсгæ, авиабастдзинады  фæтобæйы  размæ,  Уæрæсейы æрдæм къуырийы  миæдг æххæст цыдис  144 авиарейсы.