Августы Гуырдзыстоны аэропортты бæлццæтты къада 11 процентæй фæкъаддæр ис

2019 азы августы Гуырдзыстоны  фондз аэропорты дæр,  æмтгæй  райсгæйæ 583,104 бæлццонæн  балæггад кодтой, кæцы 11 проценты къаддæр у  раззаг азы  аналогион  периодимæ абаргæйæ.

Цыдæриддæр та   2019  азы  аст мæйы  бæрæггæнæнтæм æххæссы,  январæй   августы  онг  Гуырдзыстоны аэропорттæ балæггад кодтой   3 640 823 бæлццонæн,  кæцы  аст процентæй фылдæр у ивгъуыд  азы  бæрæггæнæнтæй.

Гуырдызстоны аэропортты иугонды   хъусинагæй,   æхсæнадæмон аэропорттæй  августы мæй,  бæлццæтты  къада рæзтæй,  æрмæст Кутаисы  аэропорт  фæцис, уымæн æмæ йæ  статистикæмæ сеппæтæй  къаддæр бандæвдта  Уæрæсеимæ комкоммæ авиарейсыты баурæд.