Тамар Чугошвили – хъыгагæн Женевæйы бадзырдты формат, архæ эффективон нæ вæййы
Хъыгагæн, арæх Женевæйы бадзырдты формат эффективон нæ вæййы – уый фæдыл парламенты вице-спикер Тамар Чугошвили Женевæйы бадзырты радон раунды комментарийы рæстæджы загъта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, развæлгъау аргълæвæрд скæнын йæ бон нæу, цæмæй цы фæстиуæг гæнæн ис æрхæсса ацы фембæлд.
«Женевæйы бадзырдтæ куыд зонæм афтæмæ, оккупацийы темæтыл æрныхас кæнынæн сæйраг формат у. Хъыгагæн арæх эффективон нæ вæййы. Зонут æй, цæмæй премьер-министры инициативæ у, максималонæй райрæза ацы форматы эффективондзинад, кæцыйæ райгонд дæн. Бакæсæм Татунашвилийы хъуыддаджы фæстæ, ай у фыццаг фембæлд, уый тыххæй рагафонæй исты фидиуæн саразын гæнæн нæй. Фембæлды фæуды фæстæ, нæм фылдæр информаци уыдзæн, цы æнзхъæлцытæ гæнæн ис уа нын ацы форматæй»- расидтис Чугошвили.
Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты 43-аг раунды нысаниуæгджын хай, тыхæй æнæспайдайы иумæйаг фидиуæны бакуыстыл сырæздзæн. Документыл куыст нырид 6-æм аз у цы даргъ кæны. Гуырдзиаг делегацийы уæнгтæ куыд дзурынц афтæмæй, фæстаг периоды тексты сразы кæнынмæ гæсгæ размæцыд фæбæрæг ис.