Тамар Чугошвили – Æвзæрстытæн  æхсæнадæмон легитимаци ныридæгæн  ис,  дыккаг туры  хайадыл ма сразы уай,  уый дын нæ бамбардзысты  æвзæрстгæнджытæ æмæ нæдæр  æхсæнадæмон  партнертæ
Тамар Чугошвили – Æвзæрстытæн æхсæнадæмон легитимаци ныридæгæн ис, дыккаг туры хайадыл ма сразы уай, уый дын нæ бамбардзысты æвзæрстгæнджытæ æмæ нæдæр æхсæнадæмон партнертæ

Парламентмæ  куы нæ бацыдысты,  уым сегасдæр тынг фæрæддыд ис  оппозици ивгъуыды  æмæ ныр  нæй  гæнæн  дыккагæй фæрæдийын, – уый фæдыл  фарастæмæрсидты парламенты  уæнг, раздæры вице-спикер  Тамар Чугошвили  «Фейсбукы»  сæрмсагонд  фарсыл фыссы.

Дыууæ милуан  æвзæрстгæнæг   вирусы  тасы уавæрты,  рискъы  архæй   бацыд æвзарæнон фадыгмæ æмæ сфиксир кодта  позици.  Цалынмæ партитæ зæгъдзысты,  цæмæй  уыцы  банымайын  нæ гæнæн,  уæдмæ нырма   исты саразæт уый  тыххæй, цæмæй   раст бахыгъд кæной  фæстиуджытæ æмæ кæд дзы искуы   проблемæ  уыдис,  кæнæ  сæрæй  бахыгъд кæнæт уыцы  фадыг, кæнæ  фадыгы  фæстиуджытæ аивæт, иуæй-иу цауы та  гæнæн ис,  æвзæрстытæ ногæй  ауадзын дæр.  Нырма ахæм архæйдтæ  нæ  зынынц.

Ацы æвзæрстытæн  æхсæнадæмон легитимаци   ныридæгæн ис  æмæ ацы  уавæрты  дыккаг  турты хайадыл ма сразы уай,  уый дын нæ бамбардзысты  æвзæрстгæнджытæ æмæ нæдæр  æхсæнадæмон   партнертæ.

Парламентмæ  куы нæ бацыдысты,  уым сегасдæр тынг фæрæддыд ис  оппозици ивгъуыды  æмæ ныр  нæй  гæнæн  дыккагæй фæрæдийын.  Нæй гæнæн   хицауад иунæгæй ныууадзын  парламенты, цыфæнды оппонир кæнын  æмæ конкуренцийæ уæгъд (уый иу  хатт сарызтам  æмæ  хорзæй  нæ фæцис).  Абон оппозициæмæ  уый йас мандат  ис,   раздæр   куыд никуы  уыд  афтæ æмæ  абоны  закъондæттынадæй  уæвæг контролон  механизмтæм гæсгæйæ,   парламенты  ацы  мандат æцæгдæр стыр тых у,  раздæр  куыд  никуы  уыд, ахæм.

Уый æппæтæй  спайда кæныны  бæсты,  хуымæтæгæй  уый  зæгъын, цæмæй  31 октябры бон нымад нæ цæуы, æгæр уæззау  рæдыд уыдзæн», –  фыссы Тамар Чугошвили.