Тамар Бачалиашвилийы фыд домы, хъуыддагыл фæдагуырд Квемо Картлийы пъæлицæй бæсты, МХМ-ы фæдагур уагдонмæ æрцæуа лæвæрд
Тамар Бачалиашвилийы фыд, Джумбер Бачалиашвили æмæ адвокат Михеил Рамишвили Квемо Картли регионы пъæлицæйы уагдонæй рацыдысты.
Джумбер Бачалиашвили журналисттимæ ныхасы рæстæджы куыд дзуры, афтæмæй, зæгъгæ бинонты фæндон, цæмæй хъуыддагыл фæдагуырд мауал æххæст кæна Квемо Картли пъæлицæй. Афтæма Тамар Бачалиашвилийы фыды ныхæстæм гæсгæ, фæдагуырдæн фехъусын кодта информаци уый фæдыл, цæмæй йæм чи дзырдта тилифонæй æмæ йын базонын кодта, цæмæй йæ хъæбулмæ æртхъирæн кæны тас.
23 аздзыд Тамар Бачалиашвилийы, цалдæр бонон агуырды фæстæ, Тетрицъхъаройы хъæды мардæй ссардтой. Сæрыфыццагæй хъуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд сæрибардзинад æнæзакъононæй сæмбонд кæныны статийæ, фæлæ уæвæг аххосагы квалификацимæ ма бафтыдтой 115-æм стати дæр, кæцы йæ хъуыдйы дары адæймагы химарындзинады онг бакæнын. Афтæма прокуратурæйы уынаффæйыл æнцойæ, Тамар Бачалиашвилийы фыды банымадтой зианбавзарæджы барджынæй.