Тайланды лæгæты баззайгæ сывæллæтты эвакуаци сног ис. Информацийы уый фæдыл агентад Reuters Тайланды хицауады минæварыл æнцойæ хæлиу кæны.
Тайланды цæгат хайы уæвæг Тхамлуангы лæгæтæй, ракæнинаг сты аст сывæллон æмæ сæ тренер. Знон дæлдондзогтæ бахъом сты 4 æнахъомы ракæнын. Уыдон рынчындоны сты. Медийы хъусинагæй, сæ æнæниздзинады уавæр æвæрццаг у зæгъгæ.
Сæрмагонд штабы хъусын кæнынц, цæмæй ныр лæгæты доны бæрзæнд ныллæг у æмæ эвакуацийы операци плангондæй цырддæр ццæуы зæгъгæ.
11-æй 16 азы онг кары 12 æнахъомы æмæ сæ 25 аздзыд тренер, 23 июны фæтар сты. Уыдон Тайланды цæгаты уæвæг Тхам Луангы лæгæтмæ бахызтысты, æнæнæхъæлæджы тæркъæвда рауарыд, лæгæт донæй байдзаг æмæ къорд лæгæтæй æддæмæ рацæуын нал бахъом ис. Æрбайсæфтуæвлджыты фараст боны фæстæ лæгæты мидæг бацæуæнæй цыппар километры дæрццæг ссардтой.