Тайланды лæгæты баззайгæ сывæллæтты эвакуаци сног ис
Тайланды лæгæты  баззайгæ  сывæллæтты  эвакуаци  сног ис

Тайланды лæгæты  баззайгæ  сывæллæтты  эвакуаци  сног ис.  Информацийы   уый фæдыл   агентад  Reuters  Тайланды  хицауады  минæварыл  æнцойæ  хæлиу кæны.

Тайланды  цæгат хайы уæвæг   Тхамлуангы   лæгæтæй,   ракæнинаг  сты  аст сывæллон æмæ сæ тренер.  Знон   дæлдондзогтæ бахъом сты  4 æнахъомы ракæнын.   Уыдон рынчындоны  сты.   Медийы  хъусинагæй,   сæ æнæниздзинады  уавæр æвæрццаг у  зæгъгæ.

Сæрмагонд штабы хъусын кæнынц, цæмæй  ныр лæгæты   доны бæрзæнд  ныллæг у  æмæ  эвакуацийы  операци   плангондæй  цырддæр  ццæуы зæгъгæ.

11-æй 16 азы онг кары   12  æнахъомы  æмæ сæ  25 аздзыд   тренер, 23  июны  фæтар сты.  Уыдон   Тайланды цæгаты   уæвæг  Тхам  Луангы  лæгæтмæ бахызтысты, æнæнæхъæлæджы   тæркъæвда рауарыд,  лæгæт  донæй  байдзаг  æмæ  къорд   лæгæтæй   æддæмæ рацæуын нал  бахъом  ис.  Æрбайсæфтуæвлджыты  фараст боны фæстæ    лæгæты    мидæг  бацæуæнæй   цыппар километры  дæрццæг   ссардтой.