Тайланды ирвæзынгæнæн операцийы дыккаг бон фæцис - лæгæтæй ноджы æртæ æнахъомы ракодтой
Тайланды ирвæзынгæнæг операцийы дыккаг бон фæцис, лæгæтæй ноджы æртæ сывæллоны ракодтой. Информацийы уый фæдыл Guardian-æн сæрмагонд штабы минæвар сбæлвырд кодта. Уымæ гæсгæ дæр, фервæзгæ сывæллæттæ нырид астæй сты.
Лæгæты ма ноджы цыппар æвзонг футболист æмæ сæ тренер уæвынц.
СNN куыд хъусын кæны афтæмæй, ирвæзынгæнæн операци Тайланды лæгæты, абоны бонмæ йæ кæонмæ æрцыд.
11-æй 16 азы онг кары 12 æнахъомы æмæ сæ 25 аздзыд тренер, 23 июны фæтар сты. Уыдон Тайланды цæгаты уæвæг Тхам Луангы лæгæтмæ бахызтысты, æнæнæхъæлæджы тæркъæвда рауарыд, лæгæт донæй байдзаг æмæ къорд лæгæтæй æддæмæ рацæуын нал бахъом ис. Æрбайсæфтуæвлджыты фараст боны фæстæ лæгæты мидæг бацæуæнæй цыппар километры дæрццæг ссардтой.