Тайланды ирвæзынгæнæн операцийы дыккаг бон фæцис - лæгæтæй ноджы æртæ æнахъомы ракодтой
Тайланды   ирвæзынгæнæн  операцийы дыккаг бон фæцис -  лæгæтæй  ноджы  æртæ   æнахъомы ракодтой

Тайланды   ирвæзынгæнæг   операцийы   дыккаг бон   фæцис,  лæгæтæй   ноджы  æртæ  сывæллоны   ракодтой.   Информацийы  уый фæдыл  Guardian-æн   сæрмагонд  штабы  минæвар  сбæлвырд кодта.   Уымæ гæсгæ дæр,   фервæзгæ  сывæллæттæ  нырид  астæй  сты.

Лæгæты ма  ноджы   цыппар æвзонг футболист  æмæ сæ тренер   уæвынц.

СNN куыд хъусын кæны афтæмæй,    ирвæзынгæнæн   операци   Тайланды  лæгæты,  абоны  бонмæ  йæ  кæонмæ  æрцыд.

11-æй 16 азы онг кары   12  æнахъомы  æмæ сæ  25 аздзыд   тренер, 23  июны  фæтар сты.  Уыдон   Тайланды цæгаты   уæвæг  Тхам  Луангы  лæгæтмæ бахызтысты, æнæнæхъæлæджы   тæркъæвда рауарыд,  лæгæт  донæй  байдзаг  æмæ  къорд   лæгæтæй   æддæмæ рацæуын нал  бахъом  ис.  Æрбайсæфтуæвлджыты  фараст боны фæстæ    лæгæты    мидæг  бацæуæнæй   цыппар километры  дæрццæг   ссардтой.