Тæрхондон Гиорги Бачиашвилийæн 2 500 000 ларйиы бæрц цъынды бафидын стæрхон кодта
Стыр нымæцæй криптовалютæйы æнæзакъононæй хибакæныны æмæ æнæзаконон æфтиагы легализацийы фактыл зылынмæ лæвæрдæн, æминвестирдзинады фонды раздæры къухдариуæггæнæг Гиорги Бачиашвилийæн тæрхондоны æфхæрды мадзалы хуызæй цъынды 2 500 000 ларийы бæрц бафидын стæрхон кодта. Цъынды бахæссын æмгъуыдæй тæрхонгæнæг Тамар Мчъедлишвили 30 боны сфидар кодта.
Тæрхонгæнæг прокуратурæйы куырдиатимæ сразы ис ивддзыинадæй. Прокуратурæ цъындыйы хуызæй æртæ милуан лари стæрхон кæнын домтта.
Уыимæ, лæвæрд тугтæроны барады хъуыддагыл кæронбæттæн уынаффæ рахæссыны онг зылынмæ лæвæрд Гиорги Бачиашвилийæн фæтобæ ис паддзахадон арæныл ахизын зылынгæнæг фарсимæ рагафон æнæбадзургæйæ. Афтæма Бачиашвилийæн бахæс ис сæрмагонд, Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы паспортты фæдагурæг оргæнтæм раттын.
Тæрхоны процессыл уыдис йæхæдæг зылынмæ лæвæрд дæр. Бачиашвили тæрхоны рабадтыл куыд райхъусын кодта афтæмæй, уый йæхи аххсоджыны нæ нымайы.
Хъуыддагыл тæрзонагъоммæ рабадт 31 августы 13:00 сахатмæ снысан ис.
Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ стыр нымæцæй криптовалютæйы æнæзакъононæй хибакæныны æмæ æнæзаконон æфтиагы легализацийы фаткыл æминвестирдзинады фонды раздæры къухдариуæггæнæг, Гиоррги Бачиашвилийы ныхмæ, барадон сурын райдыдта.