Тæрхондон,  бадзырдон хъæзтытæй цы хоныныц уыцы  хъуыддаджы зылынмæ лæвæрдтæн  æфхæрды мадзæлттæ стæрхон кодта
Тæрхондон, бадзырдон хъæзтытæй цы хоныныц уыцы хъуыддаджы зылынмæ лæвæрдтæн æфхæрды мадзæлттæ стæрхон кодта

Тбилисы  сахарон тæрхондон  бадзырдон хъæзтытæй цы  хонынц уыцы хъуыддаджы  зылынмæ лæвæрд   арбитртæ  Ираклий æмæ  Давит Беришвилитæн  æфхæрды  хуызæй стæрхон кодта  цъындыйы бафидын, æрмæст   арбитр  Заза Мачаладзейæн,  баскетболы кълуб  «Сохумы»  тренер Важа Къварацхелиайæн æмæ ацы   кълубы  æмбындурæвæрæг  Темур  Датикашвилийæн  та  –  ахстæй æфхæрд.

Прокуратурæ, арбитртæ  Ираклий æмæ   Давит Беришвилитæн,  æфхæрдон мадзæлтты хуызæй   æрдомтта  цъынды бафидын 10 мин ларийы бæрцæй.  Заза Мачаладзейæн,  баскетболы кълуб  «Сохумы»  тренер Важа Къварацхелиайæн æмæ ацы   кълубы  æмбындурæвæрæг  Темур  Датикашвилийæн  та  прокуратурæ  домы  ахстæй æфхæрд.  Паддзахадон  зылынгæнæг фарс,   ахсты аргументæй  хоны   зылынмæ лæвæрдтæ кæй бамбæхстысты,  æвдисæнтæм хъомыс дарын кæй бацархайдтой   æмæ  гæнæн  ног фыдракæнд сыххæст кæныны тас.

Иргъæвæг фарс та  хъуыды кæы,  цæмй прокуратурæйæн,  аххосагы  сбæлвырды   реалон фактытæ  нæй.  Уый  дзуаппæн   прокуррор  загхта,  цæмæй  хъуыддаджы ис  конкретон видео  æмæ аудио ныффыст, кæцытæй  бæрæг у,  куыд   разы  кæнынц зылынмæ лæвæрдтæ,   матчы конкретон    хынцæй  фæуды.

Дзырдæуы  цалдæр  матчы фæдыл тбаскетболы  æмæ  36 мин ларийыл, фæлæ  арбитр   Заза Мачаладзейы   адвокаты  фидиуæнæй,   Мачаладзе йæхи  æнаххосыл нымайы.    Адвокаты ныхæстæм гæсгæ,   йæ дæлæвджыды æрдæм   сырæзт провокаци.  Адвокат афтæдæр хъуыды кæны,  цæмæй  арбитр    ницы  амæлттæй  бандæыдтаит  матчы  кæронбæттæн фæстиуæгыл.

Аххосагыл нæ сæтты  нæдæр баскетболы  кълуб  «Сохумы»  тренер  æмæ  æм-бындурæвæрæг дæр.  Адвокат  Тамар Абесадзе  хъусын кæны,  цæмæй  ай уыд    провоциргонд   фыдракæнд, фæлæ  кæй  æрдгæй,  уый –  хъуыддаджы  æрмæджытимæ  деталонæй  базонгæйы  фæстæ   фæбæрæг уыдзæн.

Бадзырдон матчытæй  цы  хонынц  уыцы   хъуыддагыл  Гуырдзыстоны паддзахадон æдадзсинады  куысты  антикоррупцион   агентады  кусджытæ  фондз уæнгы 22 декабры æрцахстой.