Суданы æхсты æмæ стындты мыр не нцайы, сæйраг горæт Хартумы цæрджыты фылдææн нæй электроэнерги æмæ дон. Суданæй цалдæр сахаты размæ америкаг дипломатты æмæ сæ бинонты уæнгты эвакуаци сыххæст ис. Ацы информаци йæхæдæг Америкæйы президент Джо Байден бæлвырд кæны.
«Абон мæ бардзырдæй, Иугонд Штатты æфсæддæттæ ауагъдтой операци Хартумæй Америкæ1йы хицауады персонал раласынæн», – банысангонд у Байдены фидиуæны.
Ахæлиугонд информацийæ, Судан 100-йы онг Америкæйы æмбæстаг æртæ хæрдмæтæхæгæй ныууагъдта.
Бакой уын кæндзыстæм, уый Суданæй фæсарæйнаг æмбæстæгты нырид дыккаг эвакуаци у.